Тигр (лат. Panthera tigris) — æхсырæйхæсгæ тугдзых гæдыты мыггаджы
хуыз, у дæлмыггаг стыр гæдытæм хаугæ пантерæты (лат. Panthera)
мыггаджы цыппар минæварæй иу. Ныхас «тигр» цæуы грекъаг æвзагæй (рагон
грекъ. tigris), уый та йæхæдæг цæуы рагперсæйнаг *tigri, уидагæй
«*taig» нысаниуæгимæ «цыргъ; цырд».
Ацы хуызы минæвæртты æхсæн æмбæлынц мыггаг гæдыты егъаудæр
цæрæгойтæ. Тигр у уæлзæххон тугдзых сырдтæй егъаудæртæй иу, уæлдай
уадзы массæйæ æрмæстдæр урс æмæ тарбур æрсыты. Бæрæггонд æрцыдысты
фараст тигрты дæлхуызы, уыдонæй XXI æнусы райдайæнмæ баззадысты æрмæст
æхсæз — сæ иумæйаг æмтгæй райсгæ нымæц иу 4000-6500 уæвæгойы, уыдонæй
тæккæ бирæнымæцон дæр у бенгайлаг тигр (номинативон дæлхуыз), иумæйаг
популяцийы ахсы 80 %.
XX æнусы бахастæуыд Æхсæнадæмон Сырх чиныгмæ æмæ Уæрæсейы Сырх
чиныгмæ, æмæ æндæр бæстæты хъахъхъæнæн документтæм. 2010-æм азы
уавæрмæ гæсгæ тигртыл цуан æппæт дунейы дæр хъодыгонд у.
Тигр у æрмæстдæр азиаг хуыз. Тигры историон ареал (ныр тынг дихтæгонд
у арæх кæрæдзийæ дард æвæрд хицæн популяцитыл) ис Уæрæсейы Дард
Скæсæны, Ираны, Афгъанистаны, Китайы, Индийы æмæ Хуссар-Скæсæн Азийы
бæстæты, Зонды архипелагимæ (Индонезийы сакъадæхтæ).
Византийы императортæ æппæтæй дæр уæздан адæм нæ уыдысты, уымæн æмæ
дзы уыдис фадат бынтæй фæндаг айгæрдын хицауадмæ, зæгъæм карьерæ
саразгæйæ кæнæ æфсады хæстон кад бакусгæйæ. Афтæ зæгъæм император
Михаил II уыдис æнæахуыр æххуырст, Василий I уыд зæххкусæг, уый фæстæ
та бæхты æууæрдæг зынгæ стыр хицаумæ. Роман I Лакапин дæр уыдис
зæххкусджытæй рацæуæг, Михаил IV император суыны размæ уыдис æхцатæ
ивæг, йæ иу æфсымæры хуызон.
Колумбийы ис вулкан Галерас, тынг арæх дзы æрцæуынц сирвæзтытæ. Афтæ
1993-æм азы, иртасæн куыстытæ æххæст гæнгæйæ, вулканы кратеры фæмард
сты 6 геолоджы, йæ хуылфмæ куы ныххызтысты уæд райдыдта вулканы
сирвæзт.
Фыццаг дунеон хæсты Османты импери куы фæхæрд ис, уæд æй Севры фидыдмæ
гæсгæ (1920-æм азы 10 августы) ныддихтæ кæнын снысан кодтой, афтæ
сахар Измир хъуамæ бахаудаид Грекъмæ. Фæлæ бæстæтæ ацы бадзырд
ратификаци кæй не скодтой, уымæ гæсгæ идейæ æххæстгонд не
’рцыдис. Бердзенæгтæ уæддæр бацахстой ацы сахар, фæлæ Мустафа Кемалы
æфсæдтæй сырд æрцыдысты, æмæ фæстæдæр сæвзæрыд Турчы республикæ.
Текст доступен по лицензии Creative Commons Attribution/Share-Alike, в
отдельных случаях могут действовать дополнительные условия. Подробнее
см. Условия использования.
